Цæгатирыстойнаг проект «Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ» сси президенты грантты фонды хуыздæр

Описание к видео Цæгатирыстойнаг проект «Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ» сси президенты грантты фонды хуыздæр

Президенты грантты фонд хуыздæр проектты хыгъдмæ бахаста цæгатирыстойнаг проект «Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ», зæгъгæ. Йе руаджы мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныг» федта рухс. Мобилон уæлæфтуаныл бакуыста Гæбæраты Æхсар. Проект кæронмæ æххæстгонд æрцыд 2018 азы. Пилотон хуызы дзы пайда кæнын райдыдтой республикæйы 20 рæвдауæндоны. Мобилон уæлæфтуаны байхъусæн ис аргъæуттæ æмæ таурæгътæм, æмдзæвгæтæм æмæ авдæны зарджытæм. Куыд дзы пайда кæнынц ныридæгæн рæвдауæндæтты, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд.

Ацы сабитæм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ фылдæр рæстæг дзурынц ирон æвзагыл. Дзуццаты Вандæйы ныхæстæм гæсгæ, ирон æвзаг хуыздæр банкъарыны тыххæй стыр æххуыс у мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныг». Ирон аргъæуттимæ æмæ æмдзæвгæтимæ уæлæфтуан сывæллæттæ бирæ бауарзтой.

Мобилон уæлæфтуан «Ирон чиныг» рухс федта проект «Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ»-йы руаджы. Сæрмагондæй рамбылдтой президенты фонды грант. Проект «Ирон чиныг» фæзынд 2017 азы. Уæдæй абонмæ йæм хаст æрцыд 300 ирон уацмысæй фылдæр. Пайда дзы кæнынц, куыд рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ, афтæ ныййарджытæ сæхæдæг дæр.

Видеобастдзинады фæрцы ацыд «Аргументы и Факты»-йы Цæгат Кавказы сæйраг хайады æмбырд. Ныхас кодтой, проект æнтыстджынæй куыд баххæст кодтой, ууыл. Проекты аразæг Гæбæраты Æхсары ныхæстæм гæсгæ, фидæны фæнд кæнынц уæлæфтуан фæуæрæхдæр кæнын, цæмæй дзы дарддæр фылдæр пайда кæной райдиан кълæсты скъоладзаутæ.

Проект æнтыстджын æмæ пайда кæй рауад, уый дызæрдыккаг нæу. Ахæм хуызы мадæлон æвзагæн фесæфæн нæй.

Пелиты Сабинæ
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
   / irystontv  
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке