РЦИ-Аланийы хицауады æмбырды æрныхас кодтой республикæйы социалон æмæ экономикон рæзты программæйыл

Описание к видео РЦИ-Аланийы хицауады æмбырды æрныхас кодтой республикæйы социалон æмæ экономикон рæзты программæйыл

Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырды архайджыты абон базонгæ кодтой хицауады ног уæнгтимæ. Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, Æгъуызарты Мураты снысан кодтой хицауады сæрдары фыццаг хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй. Регионы физкультурæ æмæ спорты министры хæстæ та рæстæгмæ æххæст кæндзæн Кочиты Сослан.

Æмбырды æрныхас кодтой республикæйы социалон æмæ экономикон рæзты бирæвæрсыг программæйыл. Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй экономикæ æмæ социалон къабазмæ хъæуы бæстон æркæсын. Сбæрæг кæнын бакусын цæуыл хъæуы, æмæ уæлдай æргом цæмæ аздахын хъæуы. Уый фæдыл снысан кодтой кусæг къорд.

Программæйы ахсджиагдæр хай баст уыдзæн туризмы райрæзтимæ. Регионы фæзындзæн «этнодеревня», сараздзысты сæрдыгон театр Дзæуджыхъæуы. Бакусдзысты Мидæгрæбыны æхсæрдзæнты алфамблай саив кæныныл дæр.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
   / irystontv  
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке