Туркæгтæ дæр ма ИРОНАУ дзурынц

Описание к видео Туркæгтæ дæр ма ИРОНАУ дзурынц

Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы боны уæлдай æхсызгондзинад. Алагиры районы цæрынц туркæгтæ. Уыдон æнувыд сты куыд сæ мадæлон туркаг, афтæ ирон æвзагыл дæр. Уыимæ сын у тынг уарзон. Нымайынц æй тынг рæсугъдыл. Иронау афтæ хорз дзурынц æмæ цы адæмы хаттæй сты, уый æмбаргæ дæр ничи бакæндзæн.

Туркаг лæппу Ясин - Ирыстоны йæ райгуырдæй фæстæмæ цæры. Æмæ кæд ирон нæу, уæддæр ирон æвзагыл дзуры йæ мадæлон туркаг æвзагыл куыд дзуры, афтæ. Ахуыр кæны фыццæгæм къласы. Скъолайы цы предметтæ ахуыр кæны, уыдон йæ зæрдæмæ цæуынц, уарзы ахуыр кæнын. Фæлæ йæ зæрдæйы уæлдай бынат бацахстой ирон æвзаджы уроктæ. Йæхæдæг куыд зæгъы ,афтæмæй, æппæты фылдæр уарзы æмдзæвгæтæ ахуыр кæнын.

Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнг ныхас нæу. Ирон æвзаджы урокмæ цы æмдзæвгæтæ сахуыр кæны, уыдон, æнæмæнг, радзуры йæ бинонтæн. Уыдон дæр æм зæрдиагæй байхъусынц. Уымæн æмæ бинонтæй алкæмæн дæр аланты æвзаг уарзон у.

Кæддæр зындгонд бердзенаг философ Пифагор загъта:«Æндæр адæмыхатты зондахаст бамбарынæн, æнæмæнг, хъæуы æвзаг базонын". Рамоновæйы хъæуы цæры 11 адæмыхатты минæвæрттæ. Уыдонæй алчидæр зæрдыл дары ирон æмбисонд "Кæй уæрдоны бадыс, уый зарæг кæн". Уый раст у. Уымæй уæлдай ма афтæмæй дыууæ æвзаджы *хсæн иудзинæдтæ дæр ссарынц. Уымæ гæсгæ сæм иронау дзурын зын нæ кæсы. Уæлдайдæр бынæттон се мхъæуккæгтимæ. Цæрджытæ дæр сæм хаттæй-хатт туркаг æвзагыл сдзурынц. Уый та Абибовты зæрдæтæ балхæны».

Алцыдæр хистæртæй аразгæ у. Ясинæн йæ фыд Нияз дæр ам, Ирыстоны схъомыл ис. Рамоновæйы скъолайы нын куыд загътой, афтæмæй, Нияз дæр скъолайы ирон æвзаг иттæг хорз бæрæггæнæнтыл ахуыр кодта. Æмæ йæ зæрдæйы ирондзинад стыр бынат æрцахста. Кæд æндæр адæмыхатты минæвар у, æмæ йæ дин дæр æндæр у. Уæддæр йæ бинонтимæ ирон адæмы *хсæн цæрын базыдтой. Хъæуы мидæг балæггад кæнынмæ вæййынц фыццæгтæ.

Цæмæй Рамоновæйы цæрджытæ иронау сдзурой, уымæн хуыздæрырдæм сахадыдысты куыд скъола, афтæ культурæйы хæдзар дæр. Ахуыргæнæндоны æмæ культурæйы хæдзары дæр сæ æфтæуынц ирондзинадыл . Скъоладзаутæ архайынц алыхуызон мадзæлтты, фестивальты, кафынц æмæ зарынц ИРОНАУ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
   / irystontv  
twitter.com/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке